Гӕдиаты Секъа. Мад ӕмӕ фырт

Sputnik
Рӕстӕг уыцы иу сау тар мылазон хаста. Адӕмы тыхджынтӕ мӕгуыртыл ӕрхӕцыдысты. Адӕймаджы ӕмсӕр ӕмбаргӕдзинад фесӕфти. Тыхджынтӕ мӕгуыр адӕмы стурты бынаты сӕвӕрдтой. Мӕгуыр адӕмы зӕрдӕ уыцы сау тар мигъы бынӕй рухсмӕ фӕндаг ничердӕм ардта, афтӕмӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цард тыхстӕй-тыхстмӕ цыд.
Гуырдзыстон Уырысимӕ баиу кӕныны агъоммӕ Дзимыргомы Лекъо, зӕгъгӕ, иу лӕг цард, йӕ ус Дзебысон. Фыццаг ӕнӕзӕнӕг уыдысты, стӕй сын дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ ӕртӕ чызджы райгуырд. Лекъойӕн йе ‘рвадӕлтӕ – фондз ӕфсымӕры, магусайӕ цӕлуарзаг – Лекъойы марыны фӕнд скодтой, цӕмӕй йӕ фос, йӕ мулк ӕмӕ йӕ ус уыдонӕн баззадаид, уый тыххӕй.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.