ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзысты æвæрын Мантуйы пробæ, фехъусын кодта Sputnik республикæйы сæйраг педиатр Хæныкъаты Лариса. Дохтыры ныхæстæм гæсгæ туберкулинодиагностикæ у иунæг метод туберкулез развæлгъау сбæлвырд кæнынæн æмæ хъуамæ цæуа æрвылаз.
"Коронавирусы пандемийы аххосæй фæстаг азты дæргъы диагностикæ ахæм активонæй нæ цыд, фæлæ мах сног кодтам туберкулинодиагностикæ скъолаты. Уый у æнæмæнгхъæугæ. Тыхæй никæмæн нæ аразæм, уымæн æмæ алкæцы ныййарæг дæр йæхæдæг æвзары: сразы уой Мантуйыл æви нæ", - загъта Хæныкъаты Лариса.
Афтæ ма Хæныкъаты Лариса радзырдта, скъолаты медицинон кусджытæ кæй æмбырд кæнынц бæрæггæнæнтæ сывæллæтты тыххæй, кæцытæн диагностикæ нæ ауагътой азы дæргъы, æмæ барвитынц куырдиат ныййарджытæм. Ныййарджыты разыдзинадæй æрæмбырд кæнынц сывæллæтты æмæ сын сæвæрынц Мантуйы пробæ, 72 сахаты фæстæ та басгарынц фæстиуæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Манту æвæрын нæй гæгæн сывæллæттæн инфекцион низтимæ.
Хæныкъаты Лариса
© Sputnik