Украинæйаг дрон æрхаудта УФ Брянскы областы цæрæн хæдзары раз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппарат æрхаудта цæрæн хæдзары раз Уæрæсейы Брянскы областы Клинцыйы, ис дзы фехæлдтæ, зианбаййафджытæ нæй, фехъусын кодта регионы губернатор Александр Богомаз.
"Украинæйы Гарзджын тыхты атакæйы фæстиуæгæн горæт Клинцыйы цæрæн хæдзары территорийыл æрхауд æнæпилотон тæхæг аппарат. Зианбаййафджытæ нæй. Хæдзары ис фехæлдтæ", - хъусын кæны РИА Новости Богомазы ныхæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цауы бынаты кусынц оперативон службæтæ.
Брянскы областы архайы тæссагдзинады бур æмвæзад.