Хуссар Иры ФХМ разамонæг æрдзырдта Абхазы минæваримæ бæстæты бастдзинæдтæ сфидар кæныныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар фембæлд Мæскуыйы Абхазы минæваримæ Уæрæсейы Алхас Квициниаимæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Баныхасы рæстæджы фарсытæ загътой сæ хъуыдытæ хæларадон хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастытæ дарддæр фидар кæныны фæдыл.
Фембæлды ма хайад райста Хуссар Ирыстоны минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Уалыты Зара.