Хуссар Иры хицауад сарæзта кадрон ивындзинæдтæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы рабадтыл сфидар кодта Знауыры районы сæргълæууæджы ног хæдивæджы кандидатурæ. Ацы бынатмæ снысан кодтой Цхуырбаты Асланбеджы.
Уый размæ Цхуырбаты Асланбег уыд тæрхондоны пъырыстъыфты службæйы кусæг.
Цхуырбаты Асланбег
Хицауады уынаффæйæ районы администрацийы сæргълæууæджы раздæры хæдивæг Шавердаты Мараты ссæрибар кодтой йæ бынатæй.
Ног хæдивæджы сфидар кодтой бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитетæн дæр. Ацы бынатмæ снысан кодтой Битеты Сæрмæты.
Битеты Сæрмæт
Афтæ ма йæхи фæндонмæ гæсгæ арæзтады министры хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой Гуыцмæзты Ильяйы.