Хуссар Иры МХМ æрдзырдтой структурæты ‘хсæн æмархайдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады оперативон рабадтыл æрдзырдтой структурон дæлхайæдты æхсæн æмархайдыл æмæ æвзонг специалистты размæ кæныныл. Рабадт ацыд уагдоны сæргълæууæг Гуыцмæзты Аланы къухдариуæгады бын, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Рабадты хайадисджытæ ралæууыдысты докладтимæ къуырийы оперативон-службæйон архайды хатдзæгтимæ. Гуыцмæзты Алан банысан кодта уагдоны къухдариуæгадæн приоритетон здæхтытæ куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл.
"Сæ нымæцы, Криминалон милици æмæ мидхъуыддæгты хайады фадыгонтæн бахæс кодтой сцырын кæнын æнгом æмархайд", - банысан кодтой уагдоны.
Афтæ ма министр бахæс кодта кусджытимæ архайды дæлхайадæн бацæттæ кæнын куырдиæттæ мидхъуыддæгты органты кусджытæн, кæцытæн бар ис ацæуын пенсимæ. Гуыцмæзты Алан бахахх кодта, æвзонг специалисттæн фадат кæй хъæуы раттын сæхи равдисынæн.
Уымæй дарддæр уагдоны сæргълæууæг радта хæслæвæрдтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл барадон фæтк хъахъхъæныны фæдыл.