Sputnik Хуссар Ирыстоны уацхӕссӕджы схорзӕхджын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Sputnik Хуссар Ирыстоны кусӕджы схорзӕхджын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Уагдоны грамотӕ агентады уацхӕссӕг Тъехты Дзерассӕйӕн радта УУМ къухдариуӕггӕнӕг Гассеты Ибрагим.
"Зӕрдиагӕй Дын арфӕ кӕнын хорзӕхы тыххӕй", - загъта министр.
Тъехты Дзерассӕйы рахицӕн кодтой бирӕ азты фӕстиуӕгджын куыст ӕмӕ министрады архайды фӕдыл публикациты тыххӕй.
"Тынг ӕхсызгон мын у райсын ахӕм хорзӕх. Фӕлӕ кусджытӕ сӕхӕдӕг цы архайд кӕнынц, уымӕ абаргӕйӕ мӕ куыст ахадгӕ нӕу", - банысан кодта Тъехты Дзерассӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстоны уацхӕссӕджы схорзӕхджын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады