Гӕдиаты Секъа. Дыса

Sputnik
Ганисы хъӕуы цард фондз мыггаджы, Тогъуызатӕ, Сачъынатӕ, Гӕдиатӕ, Дзыгойтӕ ӕмӕ Дзестелтӕ. Кусӕг адӕм, хор, фосджын, хъӕздыг, иу хӕдзар, иу бинонтау, уарзонӕй цардысты. Уыцы рӕстӕджы мӕгуыртӕ сӕ цурмӕ лыгъдысты ӕмӕ сӕ уыдон дӕр сӕхимӕ истой. Сӕ ис, сӕ фӕллойӕ сын хай кодтой, лӕгуарзондзинад сӕм бирӕ уыд. Сӕ зӕрдӕ сӕ кӕрӕдзийӕн куыд уарзта, афтӕ ӕцӕгӕлон адӕмы дӕр рӕвдыдтой.
Гуырдзыстон Уырысимӕ баиу кӕныны рӕстӕджы Ганисмӕ ӕрцыд иу мӕгуыр ус ӕмӕ лӕг – Дзанаспи ӕмӕ Дыса. Хъӕугӕрон сын иу кӕркдон къуым радтой, ӕмӕ уым цардысты. Дыса – мигӕнаг ус, Дзанаспи та – кадӕггӕнаг, адӕм сӕ бирӕ уарзтой.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Гуырдзыстон Уырысимӕ куы баиу ис, уӕд се ‘фсӕдтӕ Гуырдзыстонмӕ ӕрвитын систой, алы бӕсты хицӕуттӕ скодтой. Фӕндӕгтӕ арӕзтой. Фӕндӕгтӕ аразынмӕ бегара кӕнын райдыдтой.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.