Гуырдзыстон Уырысимӕ куы баиу сты ӕмӕ Георги XII йӕ ӕнӕхъарудзинады тыххӕй йӕ паддзахад куы ныууагъта, уӕд Уырыс алы бӕсты се ‘гъдӕуттӕ ӕрӕвӕрдтой. Адӕмы ӕмбырд, тӕрхондӕттӕ фехӕлдысты, Уырысы хицӕуттӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой. Адӕм сӕм сӕхи хӕстӕг ласын систой ӕмӕ цард уырысы ӕгъдӕуттӕй зилын райдыдта.
Раст уыцы рӕстӕджы Уӕлладжыры комы, Нузалы цард мӕгуыр ус ӕмӕ лӕг, Сауаты Саукуыдз ӕмӕ йӕ ус Сӕниат. Саукуыдз ӕмӕ йӕ усӕн райдианы зӕнӕг нӕ уыд, стӕй иу къорд азты фӕстӕ ус басывӕрджын. Саукуыдз – зӕнӕгмӕ цыбӕл адӕймаг – лӕппу райгуырынмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, фӕлӕ хъуыддаг афтӕ не ‘рцыди.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.