Гуырдзыйы фыдракæндтæн нæй ивгъуыдады æмгъуыд – президент Цъинагары трагедийы тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Гуырдзыстоны фыдракæндтæн нæй ивгъуыдады æмгъуыд, æмæ ирæтты геноциды хайадисджыты иууылдæр хъуамæ карз æфхæрд бакæной. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фехъусын кодта Цъинагары трагедийы 32-æм афæдзы боны фæдыл.
"Гуырдзиаг националистты æвирхъау митæ сабыр цæрджытæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сабиты ныхмæ абоны онг дæр нæ фæзылын кодтой нæдæр дунейон æхсæнад, нæдæр æхсæнадæмон тæрхондон", - загъта президент.
Гаглойты Алан бахахх кодта, бирæ азты дæргъы фашизмæн ныхкъуырд кæй дæттой Хуссар Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæ, уыдонæй бирæтæ сæ цард снывонд кодтой нæ адæмы сабыр æмæ ирд фидæнæн.
"Мах хъуамæ хъуыды кæнæм хъайтарты, хуымæтæг æмбæстæгты, кæцытæ сæ цæрдтæ радтой Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæраппонд", - бафтыдта паддзахады сæргълæууæг.