Хуссар Иры ссардтой Цъинагары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ссардтой Цъинагары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ.
Раст 32 азы размӕ, 1991 азы 28 апрелы, хъӕуы авд цӕрӕджы - Мӕргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Хуыбылты Отар, Дудайты Тенгиз ӕмӕ Хуыбылты Таймураз - фӕмард сты гуырдзиаг боевикты къухтӕй. Гуырдзиаг группировкӕтӕ ӕрбацыдысты цӕрджыты фос атӕрынмӕ, нӕлгоймӕгтӕ сӕ размӕ атындзыдтой сӕ фос бахъахъхъӕнынмӕ. Гуырдзиӕгтӕ сӕ ӕгъатыр мард акодтой.
Хуссар Иры ссардтой Цъинагары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ
Майрӕмбоны хъӕуы центры Стыр фыбӕстӕйон хӕсты цырт ныр ссис Цъинагары трагедийы амӕттӕгты иумӕйаг мемориал. Абон уырдӕм дидинтимӕ цыдысты хъӕуы цӕрджытӕ, скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ республикӕйы разамынады минӕвӕрттӕ.
Фыдохы митинг бакодта йӕ раныхасӕй Гусойты Ласкъо. Уый ма иу хатт зӕрдыл ӕрлӕууын кодта 32 азы размӕ ӕрцӕугӕ бӕллӕх.
Мемориалы раз ныхасимӕ ралӕууыд хицауады сӕрдар Джуссойты Константин. Премьер бафиппайдта, Цъинагары авд цӕрӕджы сгуыхтдзинад рох кӕй никуы уыдзӕн.
"Хуссар Ирыстоны ног истори ӕххӕст у траурон бонтӕй, Цъинагары трагеди у сӕ иу. Абон сын сӕ рухс ном ногӕй ссардтам, ӕз афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ хъайтардзинад никуы уыдзӕн рох ", - бафиппайдта уый.
Хуссар Иры ссардтой Цъинагары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ