Гӕдиаты Секъа. Хо ӕмӕ ӕфсымӕр

Sputnik
Гуырдзыстон Уырысимӕ баиу кӕныны агъоммӕ, Чысаны доны хӕд сӕр иу къӕдзӕх сынӕгыл царди иунӕг хӕдзар, Битӕрты Ахмӕт, зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕджы Гуырдзыстоны паддзахадӕн йӕ тых асастой Турк, Перс ӕмӕ Лекъ. Уырыс та цӕугӕ нӕма ӕркодтой ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи мидӕг схылы-мылы сты. Иудзырдӕй, тынг змӕст рӕстӕг уыд.
Ахмӕтӕн йӕ кӕстӕртӕ – дыууӕ ӕфсымӕры, йӕхицӕн чызг ӕмӕ лӕппу – Тамар ӕмӕ Хъазара. Тынг хъӕздыг царди: фос, хӕзна – бирӕ, сӕ хъӕздыгады кой – дардыл хъуыст.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.