ЦХИНВАЛ, 3 мая – Sputnik. Ацы азы кæронмæ Цæгат ирыстоны æрæфы районы 36 цæрæн пункты сцалцæг кæндзысты 15 трансформаторон дæлстанцы æмæ электрохызæгты хæтæлты 8 километры, хъусын кæны 15-æм Регион.
"Нывæсты ис раивын 85 цæджындзы æмæ зæронд хæтæлты 5 километры" - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, техникон мадзæлтты комплекс здæхт кæй у районы цæрджыты электроифтонгады гъæд фæхуыздæр кæнынмæ.
"Россети Северный Кавказ" Æрæфы районы цалцæггæнæн кампанийæн æдæппæт рахицæн кодта 5 милуан сомы.