ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Фæндагон службæ цыппæрæмы бавнæлдта Транскавказаг автомагистралы хуссарирыстойнаг фадыджы капиталон цалцæгмæ – Цхинвалæй Ручъы тоннелы онг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет.
"Абон фæндагон службæ "ЮгОсетСтройИнвест" бавнæлдта уый размæ расидгæ мадзæлттæм афтофæндаг "Цхинвал – Дзау - Рукъ"-ы. Куыстыты комплекс нывæстгонд у иу мæймæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Комавтодор сиды фæндагон змæлды хайадисджытæм, цæмæй уой арæхстджын æмæ сæ хъус дарой фæндагон нысæнттæм.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры.