ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik. Уæрæсейы минæварады дипломаттæ Хуссар Ирыстоны радтой фæсчъылдымы кусджытæн арфæйы телтæ УФ президентæй.
"Уæлахизы боны размæ Уæрæсейы минæварады дипломаттæ Хуссар Ирыстоны радтой арфæйы телтæ Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фæсчъылдымы кусджытæн", - дзырдæуы УФ минæварады хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны цæттæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 78-æм афæдзы бæрæгбонмæ. Ацы бонмæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзæлтты программæ.