Хуссар Иры Транскамы аварион хайыл архайгæ хиды цур самайдзысты ноджы иу хид

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik. Транскавказы хуссарирыстойнаг хайы 4-æм километрыл (республикон нысаниуæджы фæндаг Цхинвал-Дзау-Рукъ) фæндагон службæтæ æрæвнæлдтой ноджы иу хид аразынмæ. Трассæйы ацы хайы куыст фæрæуæгдæр кæнын хъæуы, уымæн æмæ дзы арæх æрцæуы фæндагон-транспортон цаутæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Комавтодор.
"Ноджы иу хид (микорайон "Хурзæрин") сифтонг кæндзæн транспорты æнæкъуыхцы цыд æмæ фæуæлдæр кæндзæн фæндагон змæлды æдасдзинад", - банысан кодтой Комавтодоры.
Транскам у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Уæрæсейы Хуссар Ирыстонимæ. Уæлхох фæндагæн йæ дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы хæххон трассæйыл змæлд ныхдуртыл сæмбæлы миты æмæ цъыфы зæйтæ, афтæ ма дуртæ æркæлыны фæстиуæгæн.