Цæгат Иры майы бæрæгбонтæ ацыдысты æнæ цаутæй, фехъусын кодта республикæйы МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны бæрæгбонон мадзæлттæ ацыдысты æнæ цаутæй. Уый тыххæй аппаратон рабадтыл фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Андрей Сергеев.
Республикæйы разамонæг Сергей Меняйло бадзырдта уагдæттæм, цæмæй дарддæр сæ хъус дарой регионы уавæрмæ.

"Апрелы кæрæттæ æмæ майы райдианы махмæ уыд бирæ бæрæгбонтæ. Фæлæ ныр дæр хъæуы цæст дарын уавæрмæ", - загъта Меняйло.

Афтæ ма республикæйы сæргълæууæг бадзырдта районты разамонджытæм æмæ бахахх кодта, акци "Посмотри на их лица" адарддæр уыдзæн республикæйы къуырийы кæронмæ.
Уымæй дарддæр Меняйло бахæс кодта районты разамонджытæн, цæмæй рекламон баннертæ арæхстджынæй исой æмæ ма бахъыгдарой ветеранты къамтæ.