Цхинвал сфæлыстой æртæ минæй фылдæр дидинæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы ныссагътой иуазон дидинджыты æртæ минæй фылдæр талайы, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы администрацийы ландшафтон дизайнер Пæррæстаты Ирина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сагъд æрцыдысты петунья æмæ бархатцыйы талатæ.
"Дидинджытæ ныссагътой Ногдзауты парчы, Джиоты Аланы проспектыл, Кады Аллейы, "Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнджытæн" мемориалон комплексы территорийыл æмæ Пушкины скверы", - банысан кодта Пæррæстаты Ирина.
Горæты администрацийы зæлдфæлындæн дæлхайад нывæнды ныссадзын хихджын бæлæстæ дæр.
Цхинвал сфæлыстой æртæ минæй фылдæр дидинæджы