Зынгсирвæзты зианбаййафæг Цхинвалы цæрæг сылгоймагæн бакæндзысты финансон æххуыс

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 мая — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад финансон æххуыс бакæндзæн горæт Цхинвалы цæрæг сылгоймагæн, кæцыйы мулк бахъыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн 2022 азы апрелы.
Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта рахицæн кæнын йæ фæсауæрцон фондæй 100 мин сомы. Министрты кабинеты уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы уынаффæйыл.
Уымæй дарддæр хицауад схъæлæс кодта Тамонжнæйон комитетæн финансон фæрæзтæ рахицæн кæныныл 787 200 сомы бæрц, цæмæй уыдон саразой хыгъдлæвæрдон документтæ. Ацы суммæ дæр рахицæн кæндзысты хицауады фæсауæрцон фондæй.