Хуссар Иры Юстицийы министрады делегаци хайад исы æхсæнадæмон юридикон форумы Петербурджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады делегаци хайад исы XI Петербургаг æхсæнадæмон юридикон форумы, кæцы райдыдта 11 майы Санкт-Петербурджы, хъусын кæны министрады пресс-службæ.
Делегацийы сæргъ лæууы юстицийы министр Гаглойты Олег, уый æрцыд форуммæ уæрæсейаг юстицийы министр Константин Чуйченкойы æрхуындæй.
Делегацийы сконды ма сты юстицийы министры хæдивæг Цхуырбаты Нина, тæрхондоны пъырыстъыфты службæйы сæргълæууæг Дзæгъиаты Вадим, паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы службæйы разамонæг Коцты Алена, юстицийы министрады законады дæлхайады хистæр Уанеты Зæринæ.
Авторитетон æхсæнадæмон юридикон фæзуат 2023 азы æрæмбырд кодта 20 юстицийы министры, афтæ ма уæлдæр къухдариуæгады органты разамонджыты 34 паддзахадæй, кæцытæн фадат ис форумы уæрæх кусæгон программæйы фæлгæтты радæттын сæ хъуыдытæ нырыккон барады фарстыты фæдыл.