Коцты Марина радзырдта фадынæгимæ уавæры тыххæй Хуссар Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Абоны бонмæ рабæрæг ис дыууæ фæрынчынуæвæджы фадынæгæй, уыдонæй иу сбæлвырд кодтой лабораторон уавæрты, фехъусын кодта Sputnik-æн Хуссар Ирыстоны сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Дыккаг фыæрынчынуæвæджы фæдыл информаци бацыд Югосетпотребнадзоры комитетмæ 10 майы. Нырма йæ лабороторон уавæрты не сбæлвырд кодтам, фæлæ медикты уынаффæмæ гæсгæ мах ауагътам æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ, цæмæй инфекци ма апарахат уа", - банысан кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр.
Коцты Маринайы ныхæстæм гæсгæ, сбæрæг кодтой гоймæгты, кæцытæ контакт кодтой фæрынчынуæвæгимæ.
"Контактон гоймæгты фæдыл информаци бадæттам Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ, цæмæй сæ фæдыл снысан кæной медицинон цæстдард", - загъта Коцты Марина.