Цхинвалы раргом кодтой æхцаты адавды цау Сыгъдæг Ӕртæиуоны аргъуанæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Милицийы кусджытæ æрурæдтой Цхинвалы 15-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы столицæйы Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуанæй æхцатæ адавынмæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Аргъуанæй æхцатæ адавыны фæдыл столицæйы милици базыдта сабаты, 13 майы. Уый фæстæ уыдон сбæлвырд кодтой зæрдæхсайгæйы – Цхинвалы 15-аздзыд цæрæджы, кæцыйы раздæр дæр æрбаздахтой бæрнмæ аналогион фыдракæндты тыххæй, радзырдтой МХМ.
Æнахъомы æрцахстой, уый басаст йæ фыдракæндыл, бафтыдтой министрады.
Столицæйы мидхъуыддæгты хайад дарддæр уадзы басгæрст фыдракæнды фæдыл.