Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг ссардта Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) разамонæг Джиоты Æхсар хайад райста Абахазы Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты Мемориалмæ дидинтæ сæвæрыны церемонийы Хæстон Кады Парчы.
Майрæмбоны Абхазы дипломатон службæ нысан кæны йæ сæвзæрды 30-æм афæдзы бон. Джиоты Æхсар æрцыд Абхазмæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынмæ.
"Церемонийы хайад райстой Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба, республикæйы къухдариуæгад æмæ фæсарæйнаг хицауадон делегациты минæвæрттæ, кæцытæ æрцыдысты Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæвзæрды 30-æм афæдзы боны бæрæгбонмæ", - дзырдæуы Хуссар Ирыстоны ФХМ пресс-службæйы хъусинаджы.
Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг ссардта Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты амæттæгты рухс нæмттæ