ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik. Дзæуджыхъæуы дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой интернационалон батальон "Пятнашка"-йы командир Мамиты Олегы цыртмæ. Уый фæмард Авдеевкайы промзонæйы райсгæ цæфты фæстиуæгæн 2018 азы 17 майы. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион.
"Мамиты Олег уыд æцæг хæзнатæ æмæ фидар зондахасты адæймаг. Уый уыд дæнцæг Уæрæсейы бирæнационалон адæмæн. Йæ чызг Каролина ахуыр кæны нæ медицинон колледжы", - радзырдтой медколледжы пресс-службæйы, кæцыйы студенттæ хайад райстой мадзалы.
Мамиты Олег райгуырд 1977 азы 12 декабры Дзæуджыхъæуы. 2008 азы августы хайад иста Хуссар Ирыстоны хӕсты. Донбассмӕ ацыд 2014 азы. Ацы бонты Донецкаг Адӕмон республикӕйы президент Александр Захарченко рахаста уынаффӕ, цӕмӕй Мамиты Олегӕн радтой ДАР хъайтары ном.