Сæуæссæйы дыккаг лæппу Дзылæу уыди æмæ цуаны цæуын се гасæй фылдæр уарзта. Иубон фæцыди иу бæрзонд хохы сæрмæ, афæлгæсыд, фæлæ ницæуыл æрхæцыд йæ цæст. Хъæдырдæм акасти æмæ хъæды бæлæстæ бындзарыл нызмæлынц, чи та хъил авæййы æмæ афæлдæхы. Дис æм фæкаст Дзылæумæ, дис дæр куыд нæ уыди æмæ загъта: "Ноджы ма бакæсон".
Бакасти æмæ федта дыууæ сæрджын саджы. Уыдон сæ сытæй кæрæдзийы гуымс кодтой æмæ сæ сыты къуырццæй ком арыдта, бæстæ æрвнæрæгау кодта. Дзылæу сæм кæсынтыл фæци.
Сагтæ сæ хæцын нæ уагътой, фыддæрæй-фыддæр кодтой. Сæ сæфтджыты бын дуртæ пырх кодтой æмæ сæ рыг арвыл æмбæлди.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.