Хуссар Иры МХМ фæтынгдæр кæндзæн æдасдзинады мадзæлттæ "Фæстаг дзæнгæрæг"-ы бæрæгбоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ фæтынгдæр кæндзæн æдасдзинады мадзæлттæ иумæйаг скъолайон бæрæгбонты рæстæджы, хъусын кæны дыццæджы республикæйы уагдонады пресс-службæ.
Æдасдзинады мадзæлттыл æрныхас кодтой министрады уынаффæйы æмбырды рæстæджы. Фидаргонд нывæстмæ гæсгæ цытджын мадзæлтты рæстæджы 23 майæ æмæ сæрмагонд барамынды онг, мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд арæзт ахиздзæн службæ хæссыны фæтынгдæргонд вариантмæ.