Лолаты Аслан Хуссар Ирыстоны скъолаты фондзбонон ахуыры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны фондзбонон ахырад бакæнын у зын фарста, ис дзы ныхдуртæ. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik радзырдта ахуырад æмæ зонады министрады сæргълæууæг Лолаты Аслан.
"Тынг хорз æй æмбарæм, зæгъæм, ныййарджытæн фондзбонон ахуыр бакæнын уыдзæн хорз æххуыс. Фæлæ махæн ис республикон ахуырадон базисон нывæст, уымæ гæсгæ алы предметæй дæр уроктæ æмæ сахаттæн ис бæрæг нымæц", - загъта уый.
Лолаты Аслан бафтыдта ныр кæй кусынц республикæйы скъолаты райдиан кълæсттæ ахизын кæнын фондзбонон ахуырадон къуыримæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстайыл куыст райдайдзæн ацы ахуыры азы кæроны.