Хуссар Иры МХМ фæтынгдæр кодта æдасдзинады ифтонгад скъолайон мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik. Фидаргонд нывæстмæ гæсгæ, цытджыт мадзæлтты рæстæджы æмæ сæрмагонд барамындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд арзæт ахызтис службæ кæныны фæтынгдæргонд вариантмæ.
Фæстаг дзæнгæрæг ауадзыны тыххæй горæт Цхинвалы централон уынгты автотранспорты змæлдыл сæвæрздысты арæнæвæрд. Сæрмагондæй та ПАИ кусджытæ сæхгæндзысты Театралон фæзуат Сталины-Пушкины, Хетæгкаты Къоста-Тугъанты Махарбеджы æмæ Сталины-Тæболты уынгты алвæндæгтæ 24 майы сихоры цыппар сахатæй æмæ мадзæлтты фæудмæ. Бон раздæр сапертæ сбæрæг кодтой скъолаты æдасдзинад.
Традицион рауагъдонты бал ацæудзæн 23 июны, фидæны абитуриетты рауагъдон фæлварæнты фæстæ.