Хуссар Ирыстоны премьер раарфæ кодта рауагъдонтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik. Хицауады сæрдар Джуссойты Константин раарфæ кодта 11-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæм, уыцы скъолайы ахуыр кодта йæхæдæг дæр, хъусын кæны Кабмины пресс-службæ.
"Уадз æмæ ацы бæрæгбон уа æрвитæн бынат æнтысджын фидæнмæ. Иу дуар куы сæхгæны, уæд æнæмæнгæй байгом вæййы ног дуар. Уадз æмæ уæ царды фæндаг уæд æнтысджын æмæ хорзæхджын! Ныфсджынæй цæут уæ нысанмæ æмæ уын чи амыдта, уыдоны хъуыды кæнут!" - загъта Джуссойты Константин.
Хуссар Ирыстоны скъолаты æртыццæджы азæлыд фæстаг дзæнгæрæг фондз сæдæйæ фылдæн рауагъдонæн. Ахуырадон уагдæтты ацыдысты цытджын ралæудтæ, Театралон фæзуатыл та изæры ацæудзæн бæрæгбонон концерт æмæ кафт.