Нарты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы фыд Борæ, рухсаг уæд, йæ цæргæйæ цуаны уыди иу хатт æмæ æрвдур ыссардта. Æрхаста йæ сæхимæ æмæ йæ усæн, Арвычызгæн, афтæ зæгъы:
- Ацы æрвдурæй æз хъуамæ кард ыскæнон.
Кард аразынмæ Куырдалæгонмæ фæцыди. Борæ ахаста йемæ æрвдур æмæ йæм дзуры Куырдалæгонмæ:
- Кард мын дзы сараз.
Куырдалæгон æрвдурмæ æркæстытæ кодта æмæ зæгъы.
- Ай æрвдур у æмæ дзы мæ бон кард саразын нæ бауыдзæн. Фæлтау æй Сафамæ схæсс.
Ахаста йæ Сафамæ йе ‘рвдур Борæ æмæ загъта:
- Амæй мын кард сараз, æрмæст уал мын дзы туас рацæгъд, æмæ мæ дзабыртæ барæхсон.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.