Хуссар Иры Дзауы районы нымайынц электрон линийы аварийы зиæнттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы аргъ кӕнынц электроифтонгады линийы ӕрцӕугӕ аварийы зианæн, фехъусын кодта Sputnik районы администрации сӕрдар Тыбылты Ванда.
Ивгъуыд къуыри Синагуры хъӕуы басыгъд трансформаторон станци, уый фӕстиуӕгӕн хӕдзӕртты басыгъдысты электрохынцæгтæ. Уыймӕй дарддӕр ма телтӕ кӕй ӕрхаудысты, уый аххосагӕй амард авд сӕр ставд къах фос.
" Нӕ амондӕн адӕмӕй ничи бахауд фыдбылызы. Æрмæст Ерцъо ӕмӕ Синагуры дыууӕ бинонтӕн амардысты сӕ фос", - загъта районы хистӕр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ авари иуварсгонд ӕрцыд ӕмӕ хӕдзӕртты ис рухс."Энергоресурс" йӕхи хӕрдзтӕй сӕвӕрдта хынцæгтæ.
"Ныридӕгӕн скъуыддзаг цӕуы кӕй аххосӕй ӕрцыд авари", - бафтыдта уый.
Аварийы фӕстиуджытӕ иуварс кӕнынимӕ иумӕ ма ахицӕн кодтой ацы хъӕуты рагон проблема - ивд ӕрцыдысты электроэнергийы линийы цӕджындзтӕ.