Хуссар Иры Знауыры районы иуварс кӕнынц электрон хаххы авари

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы кусджытӕ архайынц Знауыры районы электрон хаххыл авари аиуварс кӕнынӕн. Уагдоны генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рухс ратдзысты ӕввахс сахатты.
"Арвы цӕфӕй ӕрцыд аварийы. Йӕ фӕстиуӕгӕн районы ӕппӕт хъӕуты дӕр баззадысты ӕнӕ рухсӕй. Нӕ кусджытӕ архайынц авари аиуварс кӕнын, ӕввахс рӕстӕджы рухс ратдзысты хъӕутӕм", - загъта Гӕбӕраты Анатолий.
Электроифтонгад фехӕлд ӕртыццӕджы изӕры.