Хуссар Ирыстоны дзæгъæл хæдзары ссардæуыд нæмгуыты цалдæр сæдæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik. Хуссар Иыстоны Знауыры районы Урсдурты хъæуы ссардæуыд алыхуызон калибры æртæ сæдæйæ фылдæр нæмыджы, фехъусын кодта цыппæрæмы республикæйы МХМ пресс-службæ.
Хæстæрмæг ссарыны бынатмæ рацыдысты МХМ СНМК инженерон-техникон фадыг.
"Сапертæ систой 337 патроны, развæлгъауы информацимæ гæсгæ сты Калашниковы автоматы алыхуызон калибры нæмгуытæ", - банысан кодтой министрады.
Ссаргæ хæстæрмæг адæдтой МХМ фæдагуырдон фадыгмæ, цæмæй сæ дарддæр басгарой, бафтыдтой уагдонады.