Хуссары Иры сæйраг горæты ацыд Хӕдбардзинады боны цытӕн гом турнир уӕлыстъол теннисӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны столицӕйы 24 майы æртыццæджы ацыд Хӕдбардзинады боны цытӕн гом турнир уӕлыстъол теннисӕй.
Ерыстӕ ӕрӕмбырд кодтой 40 спортсменмӕ ӕввахс, турниры тох кодтой канд Цхинвалы секциты спортсментӕ нӕ, фӕлӕ ма Знауыры ӕмӕ Дзауы районтӕй дæр.
Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ сбӕлвырд кодтой лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты ᾿хсӕн дӕр. Уымӕй дарддӕр ма организатортӕ рахицӕн кодтой дыууӕ адӕймагæн сӕрмагонд призтӕ - "За волю к победе"-йы.
Чызджыты ᾿хсӕн уӕлахиздзау ссис Остъаты Лилияйы хъомылгӕнинаг Къуылыхты Заринӕ, дыккаг бынатыл ацыд Касрадзе Майя, ӕмӕ ӕртыккаг призер та ссис Тедеты Алина ", - радзырдта Sputnik тренер Джиоты Мириан.
Лӕппуты ᾿хсӕн иууыл хуыздӕр ахъазыд Дашиев Балдан, дыккаг бынатыл ацыд Хаситы Багдан ӕмӕ ӕртыккаг призер та ссис та Знауыры районы минӕвар Джиоты Алим.
Ерысты сӕрмагонд призтӕ та райстой Боциты Сослан ӕмӕ Хъуылымбегты Виктория.
Ерыстӕ саразта фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитет.