Иубон Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг дзурынц сæ мадмæ:
- Цатырбæрзондмæ цуаны цæуæм.
Арвычызг дзуры:
- Цы ми кæнут Цатырбæрзонды – сырд алыран дæр æмпæр-пæр куы кæны. Цæмæ мах аут фыдбоны бæрзондмæ?
- Нæй нын æнæ цæугæ.
Арвычызг бамбæрста – нал ныллæудзысты æмæ сын загъта:
- Ацæут, фæлæ уæ фæдзæхсын раздæр: æвзæрæй макæмæ сдзурут. Макæй дæр хъыгдаргæ бакæнут. Цыфæнды маст уын куы скæна исчи, уæддæр-иу уæхиуыл хæцын бафæразут, мацы знаггад ракæнут ме нæзонгæйæ. Нырма сонт ыстут æмæ мæ ма ныууадзут иунæг æмæ дзæгъæлæй.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.