Цæгат Ирыстоны дыууæ цæрæджы ссæрибар кодтой уацарæй, фехъусын кодта Сергей Меняйло

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта украинаг уацарæй регионы дыууæ æмбæстаджы кæй ссæрибар сты.

"Нæ лæппутæ – Габеты Хъазбег æмæ Тменаты Георгийы ссæрибар кодтойй уацарæй" Ныртæккæ сæ ласынц подмосковьейы госпитальмæ", - ныффыста уый йæ Telegram-каналы.

Меняйло бафтыдта ссæрибаргонд республикæйы цæрджытæ кæй ацæудзысты реабилитаци,уый фæстæ ацæудзысты сæ хæдзæрттæм.