12 азы размæ Ирыстоныл æрцыдис иумæйаг трагеди. 2011-æм азы 26 майы Дзæуджыхъæуы хуссары ссардтой Джыккайты Шамилы мæрдон буар. Куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнджытæ, уый амардис уæззау цæфтæй. Стыр поэты ном радио Sputnik Хуссар Ирыстонимæ ссардта ЦИ Фысджыты цæдисы сæргълæууæг Æгънаты Гæстæн.
Ныхасæмбал радзырдта æрыгæттæй кæй базогæ сты æмæ хæлардзинады къахыл лæуд кæй уыдысты.
"Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр", - банысан кодта ныхасæмбал æмæ бакасти зындгонд поэты æмдзæвгæтæ.
Джыккайы Шамил бирæ бакуыста ирон фысджытæй сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта "Ирон литературæйы истори (1917—1956)". Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.
Бæстондæрæй Æгънаты Гæстæны мысинæгтæм байхъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны аудиоæрмæджы.