Нарты адæм æппæтыл тых кодтой. Нарты адæм æппæтмæ тыхмæ цыдысты. Цæрынæнцой нал уагътой уæйгуыты, гуымирты, дæлимонты æмæ арвыцæрджыты. Уыдон Хуыцаумæ хъæсты цыдысты, фæлæ сæ Нартæ хъуыды дæр нæ кодтой. Уæд зæдтæ загътой Хуыцауæн:
- Кæнæ дын - Нартæ, кæнæ дын – мах.
Хуыцау дæр сæм уæд байхъуыста æмæ Уазалихыбардуагмæ фæсидти. Дзуры йæм афтæ:
- Нартæ коммæ нал кæсынц æмæ сæм ды куы бацæуис, уæд тынг хорз уаид, æз цы дзуæртты сфæлдыстон, уыдонмæ нал æвналиккой.
Уазалихыбардуаг Хуыцауæн дзуры:
- Нартæ зынгæй гуырд ысты. Тæрсын сæ зынгæй.
- Уæд сæм бацу фæсахсæвæрты.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.