Ирон æвзаг ахуыр кæныны фарстатæ сты бирæ æмæ нæ республикæйы хуыздæр зонадон кусджытæ æмæ ахуыргæнджытæ æрвыл хъуыды кæнынц æмæ архайынц куыд фæхуыздæр кæной уавæр. Ирон скъолаты ахуыргæнæн системæ, куыд хъуамæ фæива мадæлон æвзаджы æххуысæн, уый тыххæй йæ хъуыды радио Sputnik раргом кодта профессор, филологон зонæдты кандидат Битарты Зоя.
Профессор радзырда цавæр куыст цæуы Ирыстоны ахуырадон программæтæ фæхуыздæр кæнын, афтæ ма хицæн премдеттæ ирон æвзагмæ ракæныныл.
"Ацы программæ арæзт цыдис уæды рæстæджы ахуырад æмæ зонады министрады сæргълæууæг Джиоты Арянайы хъæппæрисæй. Мах æрбатымбыл кодтам ахуырты, уыдон уыдысты 14 адæймаджы. Сарæзтам суанг англисаг æвзагæй дæр активон лексикæ", - банысан кодта ныхасæмбал.
Цы ма цæуы арæзт уый тыххæй бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.