Нарты кадджытæ. Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд. Æхсар æмæ Æхсæртæджы кадæг

Sputnik
Нарты Уæрхæгæн райгуырди дыууæ лæппуйы – фаззæттæ. Иу дзы райгуырди фыццаг кæркуасæны, иннæ райгуырди дыккаг кæркуасæны, Бонвæрноны скастмæ.
Рухс хуры тынтæ ныккасти Уæрхæгмæ, базыдта, хъæбул куыд адджын у, уый. Уæрхæг йæ лæппуты райгуырды боны фарнæн ыскодта нæртон куывд сырды фыдæй. Æрхуыдта Нарты, уæларвæй – Куырдалæгоны, фурдæй та – Донбеттыры.
Уæрхæджы фырттыл буц нæмттæ сæвæрдта Куырдалæгон: хистæрыл – Æхсар, кæстæрыл – Æхсæртæг. Номæвæрæджы лæварæн Куырдалæгон радта Уæрхæгæн удæвдз йæ куырдадзы фæтыгæй, болат æндонæй арæзт. Удæвдз Нарт сæ фынгыл сывæрдтой æмæ сын диссаджы зарджытæ кодта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.