Тыллӕг иууылдӕр фесӕфта: Знауыры районы къорд хъӕуы ӕруарыд их

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы къорд хъӕуы ӕруарыд их. Ӕрдзон бӕллӕхы азары бахаудысты Хъорнис, Цьорбис, Сихиат ӕмӕ Ӕлыгуаты хъӕутӕ.
"Районы центры дӕр рауарыд чысыл их, фӕлӕ ницы зиан ӕрхаста. Ӕрдзон бӕллӕхы тых ӕрцыд Хъорнис, Цьорбис ӕмӕ Сихиаты хъӕутыл. Фесӕфта сын сӕ тыллӕг, цӕхӕрадӕтты ницыуал ныууагъта", - загъта Sputnik-ӕн районы разамонӕг Гобозты Алан.
Их ӕрцыд сихоры афон, фӕлӕ сахат фӕстӕдӕр дӕр нӕ батад. Хъӕуы цӕрджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй ахӕм стыр ихуард никуы хъуыды кӕнынц.
"60 азӕй фылдӕр мыл цӕуы ӕмӕ ахӕм бӕллӕх никуы ма федтон. Цӕхӕрадӕтты ницыуал ныууагъта, ныццагъта дыргъ", - загъта Ӕлыгуаты цӕрӕг сылгоймаг.