Гаглойты Алан æмæ "РЭЦ" гендиректор бафыстой меморандум æмгуыстады фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд АО "Уæрæсейаг экспортон центры" (РЭЦ) генералон директор Вероника Никишинаимæ. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Фембæлды фæлгæтты Гаглойты Алан æмæ Вероника Никишина бафыстой меморандум Хуссар Ирыстон æмæ АО "Уæрæсейаг экспортон центры" æхсæн. Документ бæрæг кæндзæн РЭЦ æмæ республикæйы æмгуыстады мадзæлттæ, формæтæ æмæ уавæртæ базарадон æмæ экономикон ахастытæ сфидар кæнын фадыджы.
Вероника Никишина банысан кодта, бафысгæ бадзырд кæй ратдзæн фадат рауæрæх кæнын дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон-экономикон æмгуыстад.
"Уæрæсейаг экспортон центр æнцой дары экспортон æрбаластæн Хуссар Ирыстонмæ. 2022 азы хатдзæгтæм гæсгæ РЭЦ къордтæ æнцой радтой уæрæсейаг экспортæн республикæмæ 20,6 милуан доллары суммæйы бæрц. Бафысгæ меморандум фадат ратдзæн рауæрæх кæнын дыууæ бæстæйы базарадон-экономикон æмгуыстад", - бахахх кодта Никишина.
Гаглойты Алан фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон кæй нывæнды райтынг кæнын æмгуыстад РЭЦ-имæ æмæ фæфылдæр кæнын базайрæгты æрзылд бæстæты æхсæн.
"2022 азы Хуссар Ирыстон фæфылдæр кодта Уæрæсемæ экспорт 40% бæрц 2021 азмæ абаргæйæ. Уæрæсе махæн у сæйраг цæдисон, æмæ Уæрæсейаг экспортон центримæ иумæ мах нывæндæм райтынг кæнын æмгуыстад, ракæнын æй ног æмвæзадмæ", - банысан кодта президент.
Гаглойты Алан æмæ "РЭЦ" гендиректор бафыстой меморандум æмгуыстады фæдыл