Нарты кадджытæ. Саумæрон. Дæлимонты хæст. Æхсары кард

Sputnik
Саукомы рæбын хæдарæг ус цард. Хонгæ дæр æй Саумæрон кодтой. Уымæ дын дæлимонтæ цæуын байдыдтой æмæ йын дзурынц:
- Нартæ нæ быныцагъд кæнынц, баххуыс нын кæн дæ бирæ æфсадæй, кæннод мах куы фæцагъды уæм, уæд ма ды та кæимæ цæрыс?
Саумæрон зæгъы:
- Кæд мын ме ‘фсады фаг æфсаддзыстут, уæд уын ратдзынæн, цас уæ хъæуа, уыйас.
Дæлимонтæ сразы сты. Саумæрон зайын байдыдта æмæ æхсæвæй-бонмæ минтæ ныййардта. Дæлимонтæ сæ æфсадхъом кодтой æмæ сæ Нартæм æрырвыстой хæцынмæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.