Сабиты хъахъхъӕныны бон Цхинвалы ацӕудзӕн аргъауы презентаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 май– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Сабиты хъахъхъӕныны бон ацӕудзӕн Джыгкайты Беллайы чиныджы презентаци. Мадзал ӕрфысым кӕндзӕн Паддзахадон университет, фехъусын кодта Sputnik-ӕн чиныджы автор.
"Ныр фӕстаг аст аз нӕм хорз традици ӕрфидар, алы бӕрӕгбон дӕр нысан кӕнӕм чиныджы презентацийӕ. Ацы аз бавдисдзыстӕм мӕ чиныг. Уый у аргъау "Мыстулы бӕстӕ" дыууӕ ӕвзагыл - ирон ӕмӕ уырыссагыл. Йӕ рауадзынӕн финансон ӕххуыс бакодта ректор Тедеты Вадим", - загъта Джыгкайты Белла.
Уый размӕ аргъау мыхуыр ӕрцыд журнал "Фидиуӕг"-ы. Джыгкайты Белла у ӕнтыстджын сывӕллӕтты фыссӕг. Ӕмрӕстӕджы кусы ХИПУ-йы дӕр.