Хуссар Иры УУМ делегаци бабæрæг кодта Уæрæсейы УУМ зынгсирвæзтты ныхмæ службæйы Академи

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Мæскуымæ кусæгон балцы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) делегаци Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй бабæрæг кодта Уæрæсейы УУМ зынгсирвæзтты ныхмæ службæйы Академи. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Балцы фæлгæтты уазджытæн ауагътой экскурси ахуырадон центры. Делегацийы уæнгтæ ма фембæлдысты ахуыргæнæндоны хуссарирыстойнаг курсанттимæ. Гассеты Ибрагим æрныхас кодта студенттимæ, базыдта се ‘нтыстытæ æмæ проблемæты тыххæй.
Уæрæсейы УУМ зынгсирвæзтты ныхмæ службæйы Академи у уæлдæр профессионалон ахуырады уагдон, зонадон æмæ методикон центр УУМ системæйы.
Хуссар Иры УУМ делегаци бабæрæг кодта Уæрæсейы УУМ зынгсирвæзтты ныхмæ службæйы Академи