Сывæллæтты бæрæгбоны цытæн Дзæуджыхъæуы бакæндзысты сæрдыгон кинотеатр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июнь – Sputnik. Сывæллæтты хъахъхъæныны бон Дзæуджыхъæуы банысан кæндзысты концерт æмæ мастер-класстæй. Бæрæгбон ацæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл культурæ æмæ фæлладуадзыны Централон парчы. Уый тыххæй хъусын кæны Дзæуджыхъæуы администраци.

"Боны дæргъы парчы кусдзысты спортивон фæзуæттæ, кæцытыл ацæудзæсты Нарты æмæ кæртон хъæзтытæ, кæрдтыл тохтæ. Райхалдзысты бæттæнтæй горæт", - бафтыдтой администрацийы.

Афтæ ма парчы бакæндзысты тематикон фæзуæттæ – "Чиныгæн нæй каникултæ" æмæ "Науы верфь". Эксперименттæ чи уарзы, уыдонæн райтынг кæндзысты фæзуат, кæй фæнды уыдон райсдзысты хайад химикон равдысты.
Изæры та ацæудзæн сæрдыгон кинотеатры баконд – программæйы ис мультфильмты равдыст.