ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕтӕлон интернет-провайдер "Юг-Телеком" майрӕмбоны срӕвдз кодта йӕ куыст. Интернеты куысты згъуыдтытӕ фӕзынд абон райсом.
Уагдоны фехъусын кодтой, интернеты куысты нырма гӕнӕн ис кӕй уа згъыдтытӕ, уымӕн ӕмӕ проблемӕ кӕронмӕ скъуыддзаг не 'рцыд.
Фӕстаг рӕстӕджы компанийы куысты ахӕм згъуыдтытӕ вӕййы арӕх.
Хуссар Ирыстоны хӕтӕлон интернетӕй пайда кӕнынц столицӕ, Дзау ӕмӕ Цхинвалы районты къорд хъӕуы