ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Цхинвалы 5 – 9 июны ацыд иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы æстæм рабадт, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
"Къамис æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн паддзахадон арæн æхсæнадæмон-барадон æгъдауæй банысан кæныныл", - хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдон.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, Къамисы радон рабадт ацæудзæн Уæрæсейы Федерацийы. Датæ æмæ йæ ауадзыны бынатыл баныхас кæндзысты дипломатон каналты уылты.