Цхинвалы цад гæнæн ис баззайа æнæ донæй æнæхъæн сæрдмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы уарзондæр улæфæн бынæттæй иу – горæты цад – æввахс рæстæджы нæ нывæндынц байдзаг кæнын донæй, фехъусын кодтой Sputnik-æн Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрады дæлбар уагдоны "Мелиорация"-йы. Æрæджы уагдонæн радтой æххæстбартæ столицæйы цад донæй ифтонг кæныны фæдыл.

"Иууылдæр зонæм, Цхинвалы кæй цæуынц куыстытæ ног хид саразыны фæдыл Леуахийы сæрты. Махæн нæ бон у ауадзын дон ацы тæккæ дæр, фæлæ уый бахъыгдардзæн куыстыты. Кæд хиды михтæ рæстæгыл арæзт æрцæуой, уæд гæнæн ис бантыса байдзаг кæнын донæй цад", - банысан кодтой уагдоны.

Цад æмæ йæ алыварс территорийы сыгъдæгдзинадмæ йæ хъус дары горæты администрацийы хæрзарæзтады дæлхайад. Мэрияйы фехъусын кодтой Sputnik-æн, ныртæккæ кæй æххæст кæнынц цады алыварс территорийы хæрзарæзтад.
Горӕты цад у адӕмы уарзон улӕфӕн бынат, ам ис сывӕллӕтты фӕзуат, тренажертӕ, хистӕр кары адӕм сӕ фӕллад фӕуадзынц йӕ алыварс цы бӕлӕстӕ ис, уыдон аууоны. Сӕрдыгон ӕндӕфы доны цур вӕййы сатӕг уӕлдӕф.