ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад срегистраци кодта дыууӕ политикон партийы "Иры Фарн" (сӕргълӕууӕг – Цоциты Хох) ӕмӕ "Райрӕзты парти" (сӕргълӕууӕг – Уалыты Сергей) регионалон дӕлхайадтӕ.
"РХИ "Политикон партиты фӕдыл" законы 15 статьяйы 4 пунктмӕ гӕсгӕ политикон партийы регионалон дӕлхайадты регистраци хъуамӕ ацӕуа политикон партийы сӕйраг дӕлхайад регистрацийӕ ӕртӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ", - дзырдӕуы министрады пресс-службӕйы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, политикон парти "Иры Фарн"-ы сӕйраг хайады регистраци сӕххӕст кодта Юстицийы министрад 2023 азы 1 июны, политикон парти "Райрӕзты парти"-йӕн та 2023 азы 5 июны.
Уагдон зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, политикон партийæн æвзæрстыты хайад райсыны бар ис, кæд æмæ йæ хайадтæ иууылдæр регистраци рацæуой æвзæрстытæ ауадзынæй иу аз раздæр.
Афтæмæй ныртæккæ Хуссар Ирыстоны парламентмæ æвзæрстыты хайад райсыны бар ис дыууадӕс политикон партийæн – "Республикæ Хуссар Ирыстоны коммунистон парти", "Иудзинад", "Иугонд Ирыстон", "Адæмы иудзинад", "Ныхас", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "За справедливость", "Ирыстоны Ног Фæлтæр", "Ирон", "Иры Фарн" ӕмӕ "Райрӕзты парти".